Хуссар Иры Цъорбисы хъӕуы арӕзт цӕуы пансионат

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры Цъорбисы хъӕуы арӕзт цӕуы пансионат
Хуссар Иры Цъорбисы хъӕуы арӕзт цӕуы пансионат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2021
Рафыссын
Улӕфӕн зонӕ арӕзт цӕуы хъӕуы цӕхджын пайдаджын донгуырӕны бындурыл
ЦХИНВАЛ, 9 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Цъорбисы хъӕуы цӕхджын хосгӕнӕн донгуырӕны бындурыл амад цӕуы пансионат, фехъусын кодта Sputnik фидӕны улӕфӕндоны хицау Цхуырбаты Вадим.
Объект арӕзт цӕуы хъӕуы центры, ныры онг бантыст самайын йе 'мбонд, бӕстыхайы бындур ӕмӕ схызтысты йӕ систӕ.

"Мини-пансионат амайын. Ис нӕм цӕхджын доны гуырӕн ӕмӕ йӕ уый бындурыл аразӕм. Уыдзӕн дзы дыууӕ бассейны - хуымӕтӕг ӕмӕ цӕхджын дӕттӕй. Нывӕндын дзы саразын 7-8 дыууӕбынатон номыры", - загъта Цхуырбаты Вадим.

Уый ма бафтыдта, ацы улӕфӕндоны арӕзтады фӕрцы бынӕттонтӕн кӕй фӕзынд куысты бынӕттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0