Хуссар Иры 2022 азы фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ

© Sputnik / Alexandr Kryazhev /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры 2022 азы фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ
Хуссар Иры 2022 азы фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад нывӕнды фӕфылдӕр кӕнын пенситӕ фидӕн азы 7,7 проценты бӕрц. Ахӕм фӕдзӕхст радта президент Бибылты Анатолий.
Цхинвалы ӕртыццӕджы уагъд цӕуы хицауады рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан рахаста ӕрныхасмӕ ивындзинӕдтӕ Пенсион фонды 2021 азы бюджетмӕ (августы уагдон раивтой Социалон фондмӕ).
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2021
Бибылты Анатолий бафыста барамынд пенсиисджытӕн фиддонтӕ бафидыны фӕдыл
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕн аз нывӕндынц фӕфылдӕр кӕнын пенситӕ 7,7 проценты бӕрц, ӕмӕ январы фиддонтӕ декабры кӕй хъуамӕ бафидой, уый тыххӕй фонды бюджет хъуамӕ сфидар кӕной ацы суммӕ хынцгӕйӕ.
Хицауады уӕнгтӕ ӕмхъӕлӕсӕй райстой ивындзинӕдтӕ. Президент бахахх кодта, уыдон здӕхт кӕй сты ӕмбӕстӕгты цард фӕхуыздӕр кӕнынмӕ.
"Ис хӕслӕвӕрд синдексаци кӕнын пенситӕ 7,7 проценты бӕрц. Уый хъуамӕ суа ӕрвылазон. Афтӕ ма, хъӕуы сахуыр кӕнын пенситӕ фӕфылдӕр кӕнын фарст", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Хуссар Ирыстоны пенситӕ ацы аз синдексаци кодтой 6,6 проценты бӕрц. Ацы фӕдзӕхст фехъусын кодтой президенты ныстуаны рӕстӕджы адӕм ӕмӕ парламентмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0