Хуссар Иры УУМ радзырдтой, куыд кусы Транскам митуарды фӕстӕ

© SputnikТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 ноя – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Транскам кусы штатон режимы зноны митуардмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады цыппӕрӕмы райсом.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, трассӕйы хуссарирыстойнаг фарсыл фӕндагыл ис их бынӕтты, кӕцытӕм хур нӕ кӕсы.
"Цӕгатирыстойнаг фарсыл таможнӕйӕ Буроны онг фӕндагыл ис мит. Зымӕгон резинӕ чи скӕна, уыдонӕн фӕндагыл проблемӕтӕ нӕ уыдзӕн", - банысан кодта радгӕсон.
Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ Транскамыл ис ирд боныгъӕд.
Транскавказаг магистраль цӕуы бӕрзонд хӕххон фадгуытыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Трассӕйы дӕргъ у 164 километры - йӕ уӕрӕсейаг хай у 97 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0