Уырны мӕ, "Идиот"-ы руаджы адӕм кӕй хуыздӕр кӕнынц: Достоевскийы уарзджытӕ фыссӕджы тыххӕй

© Sputnik / М. ФилимоновФедор Михаилы фырт Достоевский
Федор Михаилы фырт Достоевский - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Абон, 11 ноябры, нысан кӕнынц номдзыд уырыссаг фыссӕг Федор Михаилы фырт Достоевскийы 200 азы юбилей. Классикы афӕдзы боны цытӕн йӕ сфӕлдыстады уарзджытӕ Ирыстонӕй радзырдтой Sputnik сӕ иууыл уарзондӕр уацмысты тыххӕй.
Парфюмер, маркӕ Embrace perfume-ы бындурӕвӕрӕг Гайты Фатимӕ банысан кодта, Достоевский кӕй у номдзыд фыссӕг, кӕцыйы ахадыддзинад бӕрӕг у адӕм ӕй ныры онг кӕй фӕрсынц, уымӕй.
"Достоевскийӕ мын иууыл уарзондӕр роман у "Неточка Незванова". Ӕз ӕй бафарстон мӕ сабибонты, ӕмӕ йӕ уый фӕдыл лӕмбынӕгӕй бахъуыды кодтон. Роман кӕронмӕ фыст не рцыд, ӕмӕ фадат ис дӕхицӕн ахъуыды кӕнын сюжетыл", - загъта Гайты Фатимӕ.
Журналист Тыджыты Батрадз та бахахх кодта, Достоевский номдзыд сарӕзта йӕ гоймагдзинад, уымӕн ӕмӕ уый ӕрмӕст фыссӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма философ дӕр.
"Достоевскийы уацмыстӕ иууылдӕр сты тынг психологион. Ӕмӕ бирӕтӕ нысан кӕнынц, Фрейд ӕмӕ Юнг бирӕ цыдӕртӕ кӕй райстой йӕ уацмыстӕй", - бафтыдта Тыджыты Батрадз.
Афтӕ ма журналисты ныфс ис, Достоевскийы уацмыс "Идиот"-ы руаджы адӕм кӕй хуыздӕр кӕндзысты.
Филолог Холянова Ольга та радзырдта Sputnik, Достоевскийӕн йӕ ӕппӕрццаг персонажтӕ дӕр лӕмбынӕгӕй кӕй раргом кӕнынц сӕхи.
"Скъолайы программӕйӕ Достоевскийы куы айсӕм, уӕд ӕй цӕрджыты фылдӕр хай фӕрсгӕ дӕр нӕ кӕндзысты. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕй хъӕуы бадӕттын ӕндӕрхуызонӕй хистӕркъласонтӕн", - бахахх кодта филолог.
Ног хабӕртты лентӕ
0