Премьер-министр ӕрдзырдта Дыгъуызты Зӕринӕимӕ Хуссар Иры туризмы райрӕзты перспективӕтыл

© Пресс-служба Правительства РЮОПремьер-министр ӕрдзырдта Дыгъуызты Зӕринӕимӕ Хуссар Иры туризмы райрӕзты перспективӕтыл
Премьер-министр ӕрдзырдта Дыгъуызты Зӕринӕимӕ Хуссар Иры туризмы райрӕзты перспективӕтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.11.2021
Рафыссын
Фембӕлд ацыд Бекъойты Геннадийы кусӕгон балцы рӕстӕджы Мӕскуымӕ
ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны туристон фадыджы райрӕзты перспективӕтыл ӕрдзырдтой хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий ӕмӕ Ростуризмы сӕргълӕууӕг Дыгъуызты Зӕринӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой иууыл атуалондӕр фарстытыл, кӕцытӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн баххуыс кӕныны фадат ис Ростуризмӕн.
Республикӕйы премьер-министр бахахх кодта, туризммӕ стыр хъусдард кӕй ис Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты программӕйы 2023-2025 азтӕм.
"Туризмы фадыджы Хуссар Ирыстонӕн ис стыр потенциал ӕмӕ йӕ хъӕуы раргом кӕнын. Уырны мӕ, Ростуризмы ӕмархайды руаджы мах уый кӕй сӕххӕст кӕндзыстӕм. Фӕлӕ абон дӕр гӕнӕн ис зӕгъын, фӕстаг ӕртӕ азмӕ уавӕр кӕй фӕхуыздӕр, бирӕ сарӕзтӕуыд туристон маршрутты инфраструктурӕйы райрӕзтӕн", - загъта Бекъойты Геннадий.
Афтӕ ма хицауады сӕрдар бафтыдта, зӕгъгӕ, кусынц фарстыл, цӕмӕй бафыссой ӕхсӕнуагдонон бадзырд Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрад ӕмӕ Ростуризмы хсӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0