Коронавирус ӕмӕ браконьертимӕ тох: Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхстӕ йӕ кусджытӕн

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхстӕ йӕ кусджытӕн
Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхстӕ йӕ кусджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) ацыд ӕрвылкъуырион рабадт видеоконференцийы форматы, кӕцыйы рӕстӕджы уагдоны сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхсттӕ йӕ кусджытӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой профилактикон мадзӕлттӕ ауадзыныл коронавирусы апарахат ма руадзыны нысанӕн. Уагдоны сӕргълӕууӕг Пухаты Мераб бахахх кодта, МХМ хӕслӕвӕрдтӕ арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ хынцгӕйӕ хъуамӕ ӕххӕст цӕуой ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл.
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2021
Хуссар Иры хыгъдӕй систой 100 сӕнӕнизуӕвӕджы коронавирусӕй иу суткӕмӕ
Пухаты Мераб ма бахӕс кодта экономикон ӕдасдзинады фӕдыл дӕлхайадӕн, цӕмӕй уыдон иудадзыг уадзой профилактикон мадзӕлттӕ браконьерты сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, кӕцытӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕнынц бӕлӕстӕ.
Уымӕй дарддӕр рабадты рӕстӕджы ӕрныхас кодтой цалдӕр организацион фарстыл, кӕцытӕ баст сты системӕ "Ӕдас горӕт"-имӕ. Ныртӕккӕ "Юг-Телеком"-ы кусджытӕ ӕвӕрынц столицӕйы камерӕтӕ ӕмӕ сын фӕзыны уыимӕ проблемӕтӕ. Министр бахӕс кодта, цӕмӕй горӕты мидхъуыддӕгты дӕлхайад баххуыс кӕна "Юг-Телеком"-ӕн скъуыддзаг кӕнын ацы проблемӕтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0