23 ноябрь мысгӕйӕ: "цӕмӕн мӕ хъӕуынц ӕнӕниз уыргтӕ, кӕд ӕмӕ мын ме ‘взаг исынц"

© Тамаз Макиев23 ноябрь, 1989 аз
23 ноябрь, 1989 аз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Гуыцмӕзты Инна. Хуссар Ирыстоны 23 ноябры нысан кӕнынц Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады бон. Ӕвзонг ирон лӕппуты чысыл къорд ӕртын мин адӕймаджы ныхмӕ куы слӕууыд, кӕцыты ӕхсӕн уыд гарзджынтӕ дӕр, уыцы бонӕй рацыд 32 азы, фӕлӕ абоны онг дӕр Гуырдзыстоны уыцы архӕйдтытӕн ӕмбӕлон аргъ не скондӕуыд.
Ныры ӕвзонг фӕлтӕры зынтӕй бауырндзӕн, Советон паддзахады чи цард, уыдон кӕй уырныдта ӕмӕ ацы империйӕн ныппырх кӕнӕн кӕй нӕй, фӕлӕ 1985 азы "Перестройкӕ"-имӕ режим хӕлын байдыдта. Импери хӕлын райдыдта, ӕмӕ Хуссар Ирыстон йӕ пырхӕнты бын фӕцӕй кодта. Гуырдзыстоны националистон паддзахадӕн та фадат фӕцис, 1920 азы цы нӕ бафтыд сӕ къухы, ома ирон адӕмы скуыннӕг кӕнын, чи дзы аирвӕза, уыдон та ӕфцӕгӕн йе ‘ннӕ фарс фӕсурын, уый саразын. Ӕмӕ та ӕрӕвнӕлдтой уыцы фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ.
© Тамаз Макиев23 ноябрь, 1989 аз
23 ноября 1989 года - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.11.2021
23 ноябрь, 1989 аз
Лӕмбынӕг анализ куы аразӕм уыцы рӕстӕгӕн, уӕд дзы аххосӕгтӕ бирӕ разындзӕн, стӕй йӕ ӕргомӕй зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ йын нӕма политологтӕ, эксперттӕ, юристтӕ, историктӕ не скодтой историкон-барадон хатцӕг, ӕмӕ сын ацы хъуыддаг сӕ бӕрны ныууадзӕм. Фӕлӕ уыцы бонтыл цӕст куы ахӕссӕм, уӕд мӕ дзы иууыл тынгдӕр рӕгъмӕ фӕнды рахӕссын ирон адӕмы иудзинад. Цавӕрдӕр интуицийы руаджы ӕхсӕнад бамбӕрста, Ирыстоны кӕй райдыдтой уӕззау бонтӕ, ӕмӕ йӕ къухдариуӕггӕнджыты ӕвджид уадзын кӕй нӕй. Ӕмӕ Цхинвалы сӕйраг фӕзуатмӕ рахызтысты адӕм иууылдӕр.
Гуырдзыстоны националон разамонджытӕ уал райдыдтой дзурын ӕвзаджы тыххӕй, хъуыддагкӕнынад, ахуырад ӕмӕ афтӕ дарддӕр уагъд кӕй хъуамӕ цӕуой гуырдзиаг ӕвзагыл. Ирон ӕвзаг та радон хатт баййӕфта ӕфхӕрд. Уый фӕстӕ сӕ риторикӕ фӕагрессивондӕр ис, уыцы лозунгтӕ нырма дӕр бирӕтӕ хъуыды кӕнынц: "Гуырдзыстон - гуырдзиӕгтӕн", "Ирон адӕм сты хъӕддаг, ӕнӕахуыр адӕм, ӕмӕ сӕ хъӕуы фӕтӕрын гуырдзиаг цъылынӕй" ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
© Тамаз Макиев23 ноябрь, 1989 аз
23 ноября 1989 года - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.11.2021
23 ноябрь, 1989 аз
Диссаг уый у, ӕмӕ ирон адӕмы уӕддӕр нӕ уырныдта, ӕмӕ цалдӕр дӕсгай ӕзты цы адӕмимӕ цардысты хӕларӕй, уыдон сыл афтӕ гадзрахатӕй разилой, фӕлӕ уыцы иллюзитӕ дӕр тагъд ӕрбайсӕфтысты. Хуссар Ирыстоны адӕм рахызтысты фӕзуатмӕ, цӕмӕй равдисой се ‘нӕразыдзинад, ног, тыххӕй кӕй хъардтой, уыцы уагӕвӕрдимӕ.
Цалдӕр азы размӕ 23 ноябрьмӕ алӕвӕрд цӕттӕгӕнгӕйӕ, бахатыдтӕн Зонад-Иртасӕн институты кусӕг, ӕхсӕнадон змӕлд "Адӕмон ныхас"-ы уӕнг Абайты Зарамӕ, цӕмӕй мын радзуры уыцы боны тыххӕй.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Зара Владимиры чызг уӕды ӕхсӕнадон-политикон уавӕр ӕрымысгӕйӕ, банысан кодта "Адӕмон ныхасы" стыр нысаниуӕг уыцы змӕлды, фӕлӕ интервьюйӕ мӕн иууыл тынгдӕр дисы бафтыдта иу чысыл цау, кӕцы радзырдта зыдгонд ӕхсӕнадон активист. Цхинвайлӕгтӕ хорз хъуыды кӕнынц дохтыр, хорз хирург Пӕрӕстаты Иналы - уый уыд Абайты Зарайы цардӕмбал.
Уыцы бонты Пӕрӕстаты Инал ӕмӕ йе ‘мкъай Абайты Зара дӕр рахызтысты фӕзуатмӕ - уыдон дӕр нӕ уыдысты разы ног уагӕвӕрдтимӕ. Зара куыд радзырдта, ӕфтӕмӕй горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр уыдысты ӕддейӕ.
"Инал куы рацӕйцыд фӕзуаты, уӕд федта сылгоймаджы, кӕцыйӕн ӕрӕджы сарӕзта уӕззау операци, ӕмӕ йӕ театры уазал асинтыл бадгӕ куы федта, уӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта, зӕгъгӕ, цӕмӕннӕ ӕвӕрыс дӕхи, ахӕм операцийы фӕстӕ дӕуӕн нӕй гӕнӕн уазал дуртыл бадын. Сылгоймаг ӕм скаст ӕмӕ йын сабырӕй загъта: "Цӕмӕн мӕ хъӕуынц ӕнӕниз уыргтӕ, кӕд ӕмӕ мын ме ‘взаг исынц", - радзырдта Зара.
Абон, ӕвӕццӕгӕн, зынтӕй баууӕндӕн ис, ирон адӕм ахӕм иудзинад кӕй равдыстой. Афтӕ ныххӕлиутӕ ӕмӕ ныддихтӕ стӕм, ӕмӕ уырнгӕ дӕр нал кӕны, 32 азы размӕ адӕмы иудзинад кӕй разынд тыхджындӕр знаджы фӕндтӕй.
Уыцы рӕстӕджы уыдыстӕм цӕттӕ ӕгас дунейы ныхмӕ слӕууынмӕ, цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм нӕ бӕстӕ, не ‘взаг, нӕ культурӕ. Хатцӕгтӕ уӕхӕдӕг аразут.
Ног хабӕртты лентӕ
0