Вспоминай: хуссарирыстойнаг музыканттӕ спрезентаци кодтой ног зарӕг

© Из личного архива Олега ПлиеваМузыкант Плиты Олег
Музыкант Плиты Олег  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвайлаг музыканттӕ Джиоты Люба ӕмӕ Плиты Олег рауагътой сӕ фыццаг иумӕйаг зарӕг "Вспоминай". Плиты Олег, кӕцы у дзырдты ӕмӕ музыкӕйы автор, радзырдта Sputnik, ныридӕгӕн кӕй ис фадат байхъусын ног зарӕгмӕ алыгъуызон музыкалон фӕзуӕттыл.
"Трек абон рацыд Apple music, Spotify, VK, Boom, iTunes, Яндекс музыка ӕмӕ ӕндӕр музыкалон фӕзуӕттыл", - банысан кодта уый.
Композитор ма бафтыдта, зарӕджы дзырд кӕй цӕуы ӕвзонг чызг ӕмӕ лӕппуйы хсӕн уарзондзинадыл.
"Фыццаг ацы зарӕг ӕз ныффыстон мӕхицӕн. Хъуыды дӕр ӕй нал кӕнын, цас фӕллӕуыд афтӕмӕй, цалынмӕ йӕ Любайӕн нӕ азарыдтӕн. Йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам иумӕйаг трак рауадзын", - радзырдта Плиты Олег.
Пресс-конференци ӕвзонг зарӕггӕнджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
"Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕудзысты": Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Мария сӕ ног альбомы тыххӕй
Плиты Олег бирӕ хатт ссис ӕхсӕнадӕмон конкурсты лауреат. Фарон ӕвзонг зарӕггӕнӕг рамбылдта Ӕхсӕнадӕмон вокалон конкурс "Хрустальный микрофон"-ы, афтӕ ма ссис дыккаг къӕпхӕны лауреат Ӕхсӕнадӕмон конкурс-фестивалы "Мы вместе".
Джиоты Люба ссис зындгонд Цӕгат Ирыстоны "Осетия-Ирыстон" телеканалы проект "Азар ма"-йы хайадисты фӕстӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0