Хуссар Иры рынчындоны ӕрбалӕугӕ азӕй уадздзысты эндопротезированиейы операцитӕ

© Photo : Пресс-служба Минздрава РЮОРБМЦ
РБМЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны бирӕпрофилон медицинон центры бындурыл 2022 азы райдайдзысты эндопротезированиейы операцитӕ аразын, фехъусын кодта пресс-конференцийы рӕстӕджы Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.
Ивгъуыд къуырийы кӕрон Хуссар Ирыстонмӕ ӕрхуыдтой дохтыр-травматолог Ратмир Абдусаламовы Дагестанӕй, уый йӕ къордимӕ ӕмӕ бынӕттон дохтыр травматолог-ортопед Константин Серветникы ӕмархайдӕй Цхинвалы ауагътой фыццаг цыппар операцийы. Серветник уымӕй размӕ иу мӕйы дӕргъы уыд Дагестаны - уым ахуыр кодта сӕ фӕлтӕрддзинадыл.
Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм бӕрзонд технологиты операцитӕ ныр цӕудзысты Цхинвалы дӕр.
"Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрад йӕ разы цы хӕс ӕвӕрдта - ахӕм операцитӕ бынаты уадзын - уый сӕххӕст ис. Ног азы уагдон йӕ ног бюджетӕй самал кӕндзӕн протезтӕ. Ӕмӕ ӕдзухон бындурыл нӕ республикикӕйы ныббиноныг кӕндзыстӕм эндопротезирование", - загъта министр.
Наниты Сослан ма бафтыдта, Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады ахӕм операцитӕм адӕм кӕй лӕууынц радты.
Ног хабӕртты лентӕ
0