Наниты Сослан радзырдта, куыд бандӕвта вакцинацийы темптыл сертификаттӕ банымайын

© SputnikНаниты Сослан
Наниты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад фӕстаг цалдӕр мӕйы куыста, цӕмӕй Уӕрӕсейы территорийыл банымайой хуссарирыстойнаг сертификаттӕ вакцинацийы фӕдыл. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн бирӕ рӕстӕг уыимӕ уыд проблемӕтӕ. Ныртӕккӕ ацы фарст аскъуыддзаг кодтой.
"Ацы фарстыл куыст цыд июлы кӕрӕттӕй фӕстӕмӕ. Ныртӕккӕ махмӕ ис бӕлвырдгӕнӕн, Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады сертификаттӕн кӕй ис юридикон тых Уӕрӕсейы территорийыл", - банысан кодта Наниты Сослан.
Афтӕ ма министр банысан кодта, "Спутником V"-йӕ вакцинацийы рӕстӕджы сертификаттӕ дӕттынц дыккаг компоненты фӕстӕ, "Спутник Лайт" та у иукомпонентон вакцинӕ, уый фӕдыл сертификат дӕттынц прививкӕйы фӕстӕ.
Уымӕй дарддӕр, Наниты Сослан радзырдта QR-кодты тыххӕй.
"Нӕ хӕслӕвӕрд у аскъуыддзаг кӕнын QR-кодты фарст адӕмӕн, кӕцытӕ рацыдысты вакцинаци, уый фӕстӕ та ӕркӕсдзыстӕм фарстмӕ, цӕмӕй кодтӕ дӕттӕм антителаты бӕрзонд титртимӕ адӕмӕн – кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Уӕрӕсейы уылты", - загъта уагдоны сӕргълӕууӕг.
Наниты Сослан, бафтыдта, зӕгъгӕ, вакцинаци нырма дӕр цӕуы ныллӕг темпты.
"Бирӕтӕ, кӕцыты цымыдис кодта вакцинайы уӕвынад, сӕхи никуыд равдыстой куы нӕм фӕзынд, уӕд. Уый фӕдыл мӕ ноджы иу хатт фӕнды ӕрсидын ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ саразой прививкӕ", - фехъусын кодта министр.
Ног хабӕртты лентӕ
0