Цхинвалы районы прокуратурӕ ауагъта профилактикон ныхас ӕнахъомтимӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanДменисы астӕуккаг скъола
Дменисы астӕуккаг скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik. Прокуратурӕйы кусджытӕ ауагътой профилактикон ныхас Дменисы астӕуккаг скъолайы ӕнахъомты хсӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ фыдракӕндты рагфӕдзӕхст ӕмӕ профилактикӕйыл. Уый тыххӕй къуырисӕры хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурӕйы пресс-службӕ.
"Скъоладзаутӕн бамбарын кодтой законы уагӕвӕрд, кӕцымӕ гӕсгӕ ис административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинад фӕткхӕлдты тыххӕй, афтӕ ма радзырдтой Хуссар Ирыстоны законады фӕлгӕтты сӕ бартӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдты тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Баныхасы рӕстӕджы скъоладзаутӕн сдзуапп кодтой сӕ фарстытыл.
Мадзал ауагъта Цхинвалы районы прокуроры ӕххуысгӕнӕг Гӕбӕраты Земфира.
Ног хабӕртты лентӕ
0