Уӕрӕсейы литературон институт хоны абитурентты Хуссар Ирӕй

© WikipediaУӕрӕсейы Горькийы номыл Литературон институт
Уӕрӕсейы Горькийы номыл Литературон институт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирыстоны Фысджыты цӕдис расидт сфӕлдыстадон конкурс Уӕрӕсейы Горькийы номыл Литературон институты аивадон тӕлмацы семинармӕ ахуырмӕ бацӕуынӕн, фехъусын кодта Sputnik цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон.
Сфӕлдыстадон конкурс цӕудзӕн фӕсаууонмӕ. Квалификаци "аивадон литературӕйы тӕлмацгӕнӕг"- мӕ цы абитуриент цӕуы, уый хъӕуы бавдисын ирон ӕвзагӕй уырыссагмӕ ивд текст, йӕ оригиналимӕ.
"Литературон институт расидт конкурс Ирыстоны хуссары ӕмӕ цӕгаты дӕр. Кӕд курс ӕмбырд кӕна, уӕд бакӕндзысты ирыстойнаг абитуренттӕн сӕрмагонд факультет",- загъта Хъазиты Мелитон.
Уый ма ӕрӕмысыд, цалдӕр азы размӕ ацы ахуырадон уагдон райста Ирыстонӕй студентты.
"Уӕд уым ахуыр кодтой Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ ӕмӕ ӕртӕ чызджы Цхинвалӕй дӕр. Фӕлӕ уыдон чындзы фӕцыдысты ӕмӕ Цхинвалмӕ нал ӕрыздӕхтысты. Афтӕмӕй та специалисттӕ хъӕуынц. Цалдӕр азы размӕ хъавыдыстӕм журнал рауадзын уырыссаг ӕвзагыл, фӕлӕ специалист не ссардтам", - бафтыдта уый.
Хъазиты Мелитон ма бафтыдта, ахуырадон уагдон йӕхӕдӕг йӕ студенттӕн сараздзӕн хорз уавӕртӕ.
"Кӕд хъӕуа, уӕд сын рахицӕн кӕндзысты ӕмдзӕрӕндоны хатӕн, уыдзӕн стипенди. Ис нӕм аккаг фӕсивӕд дӕр. Фехъусын кодтон нӕхи университеты дӕр. Хорз уаид, куы ацӕуиккой", - балхынцъ кодта Хъазиты Мелитон.
Бавдисгӕ куыстмӕ конкурсы фысымтӕ хӕссынц цалдӕр домӕны, поэзийӕ йӕ бӕрц хъуамӕ уа 200-250 рӕгъы, литературон критикӕ, прозӕ, очерк, публицистон уац, сывӕллӕтты литературӕ ӕмӕ драматурги фӕйнӕ 20-25 сыфы.
Литературон институты ахуыр уыдзӕн ӕнӕаргъӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0