Хуссар Иры хъӕууонхӕдзарадон министрады радзырдтой ХАЕ профилактикӕйы тыххӕй районты

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæХуыты африкӕйаг емынӕ
Хуыты африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хъӕууонхӕдзарадон министрад сиды цӕрджытӕм ӕххӕст кӕнын мрафилактикон мадзӕлттӕ Хуссар Иры территорийыл хуыты африкӕйаг емынӕйы апарахат ма руадзыны фӕдыл. Министрады ветеринарон дӕлхайады сӕргълӕууӕг Тедеты Ацӕмӕз куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ӕппӕт республикӕйы ацы аз емынӕ ныццагъта 250-ӕй фылдӕр хуыйы.

"Абоны онг профилактикон мадзӕлттӕ ӕххӕст бӕрцӕй уагъд ӕрцыдысты Цхинвалы районы къорд хъӕуы, цы ран аивтой карантин. Африкӕйаг емынӕ хӕцы ӕрмӕстдӕр хӕдзарон ӕмӕ хъӕддаг хуытыл, ӕндӕр цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕймагӕн уый тӕссаг нӕу", - рагъта Тедеты Ацӕмӕз.

Уыимӕ иумӕ, бафтыдта ветеринар, низ фӕзынд ӕндӕр районты дӕр, уымӕ гӕсгӕ хъӕууон хӕдзарады министрад уадзы карантинон мадзӕлттӕ - аразы дезгӕрӕнтӕ ӕмӕ тобӕ сӕвӕрдта хъӕууонхӕдзарадон продукцийы раластыл карантинон территоритӕй.
 африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2021
Хуссар Иры Цхинвалы районы ногӕй апарахат ис африкӕйаг емынӕ
Уый ма бафиппайдта, ӕмбӕстӕгтӕй бирӕтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц министрады сидӕнтӕ сӕ хуыты рауадзынц сӕрибарӕй, уый та ахъаз у низы дарддӕры апарахатӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0