Знауыры районы капиталон цалцӕг скӕндзысты фӕндаг Уахтанайы хъӕумӕ

© Sputnik / Наталья АйриянУахтана
Уахтана - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы коммуналон службӕтӕ кусынц Уахтанайы хъӕумӕ фӕндаджы хӕрзарӕзтадыл. Фӕндаджы дӕргъ у ӕхсӕз километрӕй фылдӕр.
Районы администрацийы архитектурӕ, арӕзтад ӕмӕ ЦКХ дӕлхайады хистӕр Сиукъаты Гога куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй азмӕ нывӕзтгонд куыстыты фылдӕр хай сӕххӕст кодтой.
"Ныртӕккӕ кусджытӕ архайынц Дзагъина – Ожора фадыгыл. Фӕндаг раст кӕнынц ӕмӕ дзы калынц хуыр. Уымӕй дарддӕр ма кусджытӕ сарӕзтой доны къанаутӕ", - загъта Сиукъаты Гога.
Фӕндаджы хӕрзарӕзтад хъуамӕ сӕххӕст кодтаиккой дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ, фӕлӕ ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй цалцӕг адарддӕр иу мӕймӕ.
Сиукъаты Олегы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы цӕрджытӕй бирӕтӕ бадзырдтой администрацимӕ, цӕмӕй сын саразой сӕ кӕртытӕ.
Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2021
Дзауы поселочы ивынц донифтонгады хӕтӕлтӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0