Хуссар Иры театры сценӕйыл равдисдзысты 1920 азы ирӕтты геноцид

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр
Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр азы фӕудмӕ фӕнд кӕны равдисын кӕсӕгӕн ирон адӕмы историйы XX ӕнусы иууыл уӕззаудӕр сыфтӕй иу - 1920 азы геноцид.
Спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн" ныффыста Остъаты Алан 2019 азы ирон адӕмы геноциды сӕдӕ азы юбилеймӕ. Куыст афоныл балхынцъ кӕныны нысан репетицитӕ цӕуынц ӕрвылбон.
"Пандеми ӕмӕ уый фӕдыл тобӕтӕ ныффӕстиат кодтой куыст, фӕрынчын сты артисттӕ дӕр. Спектаклыл куыст фӕуд кӕны, фӕнд ӕй кӕнӕм равдисын ацы азы кӕронмӕ. Архайы дзы 40 актеры бӕрц. Массон сценӕты сты театралон факультеты студенттӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ. Куыстмӕ йӕ хъус дары уацмысы автор дӕр", - загъта театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Уый ма бафтыдта, спектакль уыдзӕн цымыдисон йӕ уӕрӕхдӕр фадӕттӕй.
Театры æрымысыдысты адæмон артистка Галуанты Людайы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2021
Графиня ацыд. Театры мысыдысты адæмон артисткæ Галуанты Людайы
"Театрӕн ӕлхӕд ӕрцыд уӕлӕмхас ифтонгад, уый фӕрцы спектаклы спайда кӕндзысты спецэффектӕй. Финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кодта паддзахады разамонӕг, цӕмӕй ӕмбӕлон уагыл ацӕуа спектакль. Сӕрмагондӕй спектакльтӕн музыкӕ фыссы композитор Плиты Мурӕт", - бафтыдта уый.
Аивадон къухдариуӕггӕнӕг ма банысан кодта, "Фӕстаг ӕвдисӕн" - ӕн уыдзӕн фӕсарӕйнаг цард дӕр - уыдзӕн йын гастролон нывӕзт.
Трагеди ӕвдисы 1920 азы июны цауты тыххӕй - уӕд Гуырдзыстон ӕрӕвнӕлдта ирон адӕмӕн геноцид аразынмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0