Ныхмӕ фӕлӕууыд ӕмӕ бамбӕхста хӕцӕнгарз: Хуссар Иры 20-аздзыд цӕрӕджы ӕрурӕдтой Тъыбеты

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры 20-аздзыд цӕрӕджы ӕрурӕдтой Тъыбеты
Хуссар Иры 20-аздзыд цӕрӕджы ӕрурӕдтой Тъыбеты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрӕг ныхмӕ фӕлӕууыд милицийы кусджытӕм йӕ хӕдзары басгӕрсты рӕстӕджы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй, уголовон фӕдагуырды кусджытӕ ӕрурӕдтой республикӕйы ӕртӕ 19-аздзыд цӕрӕджы, кӕцытӕм зӕрдӕ ӕхсайдта Хъахъхъӕнынады министрады бӕстыхӕйтты къултӕй агуыридуртӕ адавынмӕ. Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы уыдонӕй иуы хӕдзары – Цхинвалы районы Тъыбеты хъӕуы цӕрӕджы – зӕрдӕхсайгӕйы ӕфсымӕр ныхмӕ фӕлӕууыд милицийы кусджытӕм.
"Хӕдзары басгӕрсты рӕстӕджы милицийы кусджытӕм ныхмӕ фӕлӕууыд зӕрдӕхсайгӕйы ӕфсымӕр, Тъыбеты хъӕуы 20-аздзыд цӕрӕг, ӕмӕ фӕнд кодта бамбӕхсын йӕ сыхаджы кӕрты Калашниковы дыууӕ автоматы 11 агъудимӕ ӕмӕ Макаровы пистолет иу агъудимӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, хӕцӕнгарз байстой, фӕткхалӕджы та бакодтой рӕстӕгмӕдарӕн изолятормӕ. Милицийы кусджытӕ ныртӕккӕ бӕрӕг кӕнынц хӕцӕнгарзы хицауы.
Ног хабӕртты лентӕ
0