Зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой уӕлвӕткон цау Цхинвалы скъолайы

© Sputnik / Наталья АйриянСкъола
Скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой дысон ӕхсӕв Аивӕдты лицейы уӕлвӕткон цау, радзырдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон службӕйы хистӕр Битеты Ацӕмӕз.
Цау ӕрцыд дысон ӕнафоны. УУМ къордтӕ ацыдысты 01:04 сахатыл.
"Аивӕдты лицейы хъахъхъӕнӕг фӕсидт УУМ ахуырадон уагдон фӕздӕджы бын кӕй фӕцис, уый тыххӕй. Дыууӕ къорды ацыдысты ӕххуысмӕ ӕмӕ аиуварс кодтой уӕлвӕткон цау", - загъта уый.
Министрады ма бафтыдтой, уӕлвӕткон цау ахуырадон уагдоны фӕзынд къӕбицы хӕринаг артыл кӕй ныууагътой, уый тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0