Дыууӕ ахсджиаг юбилейы цытӕн Хуссар Иры банк рауагъта згъӕрӕхцатӕ

© Sputnik / Ада БагианНацион банк, Хуссар Ирыстон
Национ банк, Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Иры Национ банк рауагъта дыууӕ ног згъӕрӕхцайы, фехъусын кодта уагдоны сӕргълӕууӕг Джиоты Жанна. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзист монетӕтӕй сбуц кӕндзысты дыууӕ юбилейы - Цхинвалы 1780 азы ӕмӕ Хуссар Иры Паддзахадон университеты 90 азы.
"Цалдӕр боны размӕ нӕм Мӕскуыйы монетӕйон кӕртӕй фӕхӕццӕ кодтой згъӕрӕхцатӕ. Уыдон уӕй кӕнын райдайдзыстӕм ӕрбалӕугӕ азы - юбилейон азы райдайӕны", - загъта банчы хистӕр.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы бындурӕвӕрдыл фидӕнмӕ ӕххӕст кӕны 1780 азы. Историон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Цхинвал фӕзынд 262-265 ӕзты, бындур ын ӕрӕвӕрдта Ирайнаг династи Аркашидты паддзах Асфагур.
Хуссар Ирыстоны иунӕг уӕлдӕр ахуыргӕнӕндон дӕр 2022 аз ӕмбӕлы йӕ юбилейыл. ХИПУ-йыл ӕххӕст кӕны 90 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0