Бекъойты Геннадий: Хуссар Ир ӕмӕ ДАР практикон ӕмархайд хъуамӕ рахиза ӕмбӕлон ӕмвӕзадмӕ

© SputnikБекъойты Геннадий
Бекъойты Геннадий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр ӕрдзырдта Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) сӕргълӕууӕджы администрацийы разамонӕг Алексей Никиноровимӕ республикӕты хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды реализацийыл.
РХИ хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй видео-конференцийы режимы ӕхсӕнхицауадон рабадты хайад райстой дыууӕ республикӕйы хицауӕдтӕ ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты уӕнгтӕ. Фарсытӕ ӕрдзырдтой дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды реализацийыл базарад, экономикӕ, культурӕ, спорт ӕмӕ туризмы къабазы.
РХИ УУМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2020
Хуссар Иры парламент сратификаци кодта Луганскимӕ бадзырд уӕлвӕткон цауты фӕдыл
"Нӕ республикӕты сӕргълӕуджыты фӕдзӕхстӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы практикон ӕмархайд хъуамӕ рахиза ног ӕмвӕзадмӕ. Ныридӕгӕн ӕмархайдыл бирӕ куыст цыд, сӕйраджыдӕр, бадзырды реализацийы фӕндагон картӕ саразыны фӕдыл, цы ран нысангонд сты дырыс мадзӕлттӕ", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.
Александр Никиноров равдыста ӕмгуыстадмӕ цӕттӕдзинад ӕмӕ фӕхуыдта Хуссар Ирыстоны хицауадон делегацийы фембӕлын ДАР столицӕйы экономикон форумыл, кӕцы нывонд у Уӕрӕсейы базарадон-экономикон ӕмархайдӕн йӕ партнертимӕ.
Рабадты рӕстӕджы банысан кодтой, дыууӕ республикӕйы дипломатон минӕварадтӕ бакӕнын ӕмӕ ӕхсӕнуагдонон бадзырдтыл куыст кӕй райдыдта РХИ ӕмӕ ДАР хицауӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0