Бибылты Анатолий бахӕс кодта фӕкъаддӕр кӕнын ӕртаджы аргъ

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæӕртагкӕнӕн станцӕ
ӕртагкӕнӕн станцӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий республикӕйы ӕртаджы аргъы фӕфылдӕры фӕдыл сӕвзӕргӕ уавӕр банымадта уӕззауыл ӕмӕ хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадийӕн бахӕс кодта бакусын ӕртаджы аргъ фӕкъаддӕр кӕныны фадӕттыл.

"Сӕвзӕрд уӕззау уавӕр ӕртаджы аргъимӕ. Бакусут фарстыл, аныхас кӕнут уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ. 1 январӕй бензин ӕмӕ дизелон ӕртаджы аргъ дыууӕ сомы уӕддӕр хъуамӕ фӕкъаддӕр уа", - загъта Бибылты Анатолий.

Азы райдианӕй Хуссар Ирыстоны цалдӕр хатты схызтызты ӕртаджы хуызты ӕргътӕ. Ныртӕккӕ АИ-92 маркӕ бензины аргъ хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станцӕты у 50-52 сомы, паддзахадон станцӕйы та 46 сомы.
Ӕртаджы станц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.12.2021
Ӕнӕрлӕугӕ рӕзт: столицӕйы ногӕй фӕфылдӕр ис ӕртаджы аргъ
Ног хабӕртты лентӕ
0