Арӕзтады министр сдзуапп кодта Цхинвалы Зӕронд хиды фӕдыл фарстытыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Зӕронд хид
Зӕронд хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Зӕронд хид ныппырх кӕныны фарстыл ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны Арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министр Зӕгъойты Эдуарды пресс-конференцийы рӕстӕджы.
Хуссар Ирыстоны азы райдайӕны фехъусын кодтой Зӕронд хиды реконструкцийы тыххӕй. Уый хъуамӕ ныппырх кодтаиккой ӕмӕ сарӕзтаиккой ног хид. Ацы скъуыддзаг нӕ фӕцыд горӕты цӕрджыты зӕрдӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй бирӕтӕн ацы объект у горӕты символтӕй иу.
© SputnikХуссар Ирыстоны Арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министр Зӕгъойты Эдуард
Эдуард Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2021
Хуссар Ирыстоны Арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министр Зӕгъойты Эдуард
Министр банысан кодта, Зӕронд хиды проектыл ныртӕккӕ куыст нӕ цӕуы. Афтӕ ма Зӕгъойты Эдуард бахахх кодта, абоны бон хид кӕй нӕ дӕтты дзуапп ӕдасдзинады домӕнтӕн.
"Никӕмӕн у йӕ бон раттын гаранти, дӕс азы фӕстӕ хид кӕй нӕ ныппырх уыдзӕн", - загъта министр.
Журналистты зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, горӕты цӕрджытӕй кӕй ӕрбацыд куырдиӕттӕ, цӕмӕй хид бавӕрой, фӕлӕ уа ӕрмӕстдӕр фистӕг бӕллццонтӕн. Министр сдзуапп кодта, Леуахийы фаллаг фарсы уынгты цӕрджыты фӕнды уынын хид, кӕцыйы уылты гӕнӕн ис аскъӕрын хӕдтулгӕйыл.
"Хид у стратегион объект, кӕцы хъуамӕ махмӕ уа", - загъта министр.
Зӕгъойты Эдуард банысан кодта, дзырд кӕй цыд, цӕмӕй ног автомобилон хид саразой раздӕры Мехзаводы районы, фӕлӕ уым ис цӕрӕн зонӕ, ӕмӕ районы инфраструктурӕ цӕттӕ нӕу.
Ног хабӕртты лентӕ
0