Хуссар Иры президент гуманитарон ӕххуыс бакодта хӕстон архӕйдтыты ветерантӕн

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæСӕкӕр
Сӕкӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Ног азы хӕдразмӕ республикӕйы президент Бибылты Анатолийӕ гуманитарон ӕххуыс райсдзысты 200 адӕймагӕй фылдӕр, кӕцытӕ ссисты инвалидтӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл хӕстон архӕйдтыты рӕстӕджы, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы фӕцӕфуӕвджыты Фонды разамонӕг Плиты Мӕдинӕ.
"Фонды цы 210 адӕймаг ис, уыдон иууылдӕр райсдзысты фӕйнӕ 10 килограммы сӕкӕр. Сӕйраджыдӕр, ӕххуыс райсдзысты ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕн ӕй сӕхицӕн сӕ бон нӕу рахӕссын, уый фӕстӕ та иннӕтӕ", - загъта уый.
Плиты Мӕдинӕ банысан кодта, республикӕйы сӕргълӕууӕг йӕ хъус кӕй дары фондмӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕны Хуссар Ирыстоны фӕцӕфуӕвӕг хъахъхъӕнджытӕн.
"Нӕ хъӕппӕристӕм йын ис ӕмбаргӕ ахаст ӕмӕ нын гӕнӕнуӕвгӕйӕ скъуыддзаг кӕны нӕ проблемӕтӕ. Мах уымӕн тынг аргъ кӕнӕм", - бафтыдта Фонды разамонӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0