Цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой фараст хорзӕхы Цӕгат Иры

© AFP 2022 / YURI CORTEZБокс
Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрыгон боксерты ӕмбырдгонд рамбылдта фараст майданы Цӕгат Ирыстоны Сыгъдӕг Уӕлахизхӕссӕг Джиуӕрджийы кубокы, фехъусын кодта Sputnik Боксы скъолайы тренер Тедеты Александр.
Тохтӕ цыдысты ӕртӕ боны, хайад дзы истой ӕрмӕст Ирыстоны дыууӕ хайы спортсментӕ.

"Официалон хыгъдмӕ гӕсгӕ нӕ лӕппутӕ рамбылдтой цыппар ӕвзист ӕмӕ фондз бронзӕйон майданы. Ӕвзӕр хатдзӕг нӕу, фӕлӕ бынтон разы не стӕм тӕрхонгӕнджытӕ скъуыддзагимӕ", - загъта тренер.

Уый ма рахицӕн кодта цалдӕр спортсмены, кӕцытӕн сӕ тохтӕ уыдысты "сызгъӕрины" аккаг.
"Хуриты Дмитрий ӕмӕ Туаты Сосланмӕ ӕмбӕлд уӕлахиздзауы нӕмттӕ. Фӕстӕ нӕ лӕууыдысты Букъулты Арсен, Табуты Артур ӕмӕ Цхуырбаты Дауыт", - бафтыдта уый.
Къорд ӕрӕмбырд кодтой республикӕйы ӕппӕт секциты 2008-2009 ӕзты гуырд цӕттӕ боксертӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0