Хуссар Иры хӕхбӕсты кӕрдӕгӕй срӕвдз кодтой цайы рауагъдад

© SputnikIron caj
Iron caj - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дыууӕ цхинвайлаг лӕппу Абайты Алан ӕмӕ Медойты Алан Ирыстоны хӕххон кӕрдӕгӕй сцайдагъ кодтой "Iron caj"-йы рауагъдад. Амалиуӕгад "Dyuuӕ Alany" ӕнхъарынц иммунитет фидаргӕнӕг цай.
Уыдон систы ӕртыккаг амалиуӕггӕнджытӕ, кӕцытӕ бавнӕлдтой бынӕттон хомӕгӕй цай аразынмӕ. Сӕ размӕ ахӕм фӕлварӕн уыд Зӕгъойты Батрадз ӕмӕ Уалыты Нинайӕн.

"Мах арӕх цӕуӕм балцыты ӕмӕ уӕд немӕ нӕ фӕхӕссӕм цай, фӕлӕ уый бӕсты фӕнуазӕм кӕрдӕджытӕй цай. Фӕлӕ афтӕмӕй зайӕгойӕн нӕдӕр йӕ пайда ӕууӕлтӕ райхӕлынц кӕронмӕ, нӕдӕр йӕ ад. Фӕстӕдӕр мах сбӕлвырд кодтам цай рауагъдады лыстӕгдзинӕдтӕ", - радзырдта Медойты Алан.

Лӕппутӕ фыццаг хатт цайы кӕрдӕг Иван-чайимӕ базонгӕ сты цыппар азы размӕ. Фӕлӕ хуымӕтӕджы хусӕй, ӕмӕ уадиссаг зӕрдӕмӕдзӕугӕ нӕ уыд, цалынмӕ йӕ ферментаци сахуыр кодтой.
"Фыццаг рады сыфтӕр тӕвды хъӕуы сфӕлмӕн кӕнын, стӕй сыздухын. Йӕ дидинджытӕ та ӕмбырд ӕмӕ рацарӕзт цӕуынц хицӕнӕй. Ацы процесс ныр мах аразӕм ифтонгадыл. Уый фӕстӕ райдайы ферментаци", - радзырдта Абайты Алан.
© SputnikIron caj
Iron caj - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2021
Iron caj
Дыууӕ лӕппуйы бизнес скусын кӕнынӕн баххуыс кодта паддзахад - уыдон райстой ӕнӕпроцентон кредит экономикон министрадӕй. Амалиуӕгад "Dyuuӕ Alany" кусы фыццаг аз, йӕ продукци бакастджын тыхтоны фӕзынд дуканиты.
Цайӕн хомӕг ӕмбырд цӕуы бӕрзонд хӕххон хъӕуты, продукци у экономикон ӕгъдауӕй сыгъдӕг. Ӕмбырд цӕуы хъӕутӕ Ходз, Ерман, Зары ӕмӕ Цъонмӕ хӕстӕг.
Амалиуӕггӕнджыты тандемы фӕнды сӕ продукцийы ассортимент рауӕрӕх кӕнын, ӕндӕр пайдаджын кӕрдӕгимӕ. Лӕппутӕ сахуыр кодтой кӕрдӕджы диссаджы ӕуӕлтӕ. Иван-цай фидар кӕны иммунитет.
"Йе сконды нӕй кофеин, уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр гӕнӕн ис нуазын, сабийӕ уӕззаукъах усы онг. Хорз ӕндӕвдад йын ис зӕрдӕйы куыст, туджы гъӕдыл ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ӕвӕрццӕг ӕууӕлтӕ", - бамбарын кодта амалиуӕггӕнӕг.
Цайы тыхтоны ӕддаг хуызыл бакусынӕн сын баххуыс кодта нывгӕнӕг Кокойты Мария. Амалиуӕгад "Dyuuӕ Alany" йӕ продукци уӕй кӕнын фӕнд кӕны ӕрмӕст Ирыстоны. Сӕ райрӕзты нывӕзты ма ис цай пакетты дӕр рауадзын.
© SputnikПредставители компании "Iron caj"
Представители компании Iron caj - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2021
Представители компании "Iron caj"
Ног хабӕртты лентӕ
0