Хуссар Иры президент азӕн хатдзӕгтӕ скӕндзӕн журналисттимӕ фембӕлдыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы ӕрвылазон пресс-конференци ацӕудзӕн 27 декабры. Уый тыххӕй ӕртыццӕджы фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.
Журналисттимӕ фембӕлдыл Бибылты Анатолий хатдзӕгтӕ скӕндзӕн ацӕугӕ азӕн.
Фарон Хуссар Ирыстоны президенты пресс-конференци ацыд 30 декабры. Уӕд фембӕлды сӕйраг фарстытӕ уыдысты Ирыстон баиу кӕныны нысаниуӕг Уӕрӕсейы сконды, актуалон ӕддагон ӕртхъирӕнтӕ, коронавирусимӕ уавӕр, кадрон ивындзинӕдтӕ, афтӕ ма мидӕггагон политикон уавӕр, кӕцы фӕкарздӕр Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕстӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0