Хуссар Иры сабитӕ райсдзысты аст мин ногазон лӕварӕй фылдӕр

© pixabay / monicoreПодарок
Подарок - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры иу азы карӕй фӕндзӕм кълӕсты ахуырдзауты онг райсдзысты ногазон лӕвӕрттӕ. Лӕвар тыхтонты нымӕц у 8132, радзырдта Sputnik ахуырады министрады материалон-техникон ифтонгады базӕйы хайады хистӕр Тедеты Алена.
"Министрад райдыдта ногазон лӕвӕртты организаци. Иумӕйаг нымӕц у 8132. Уыдон нымад сты иу азы карӕй уӕлӕмӕ сабитыл, кӕцытӕ сты сывӕллӕты поликлиникӕты хыгъдыл ӕмӕ скъолайы агъоммӕ уагдӕтты, стӕй ма фыццаг къласӕй фӕндзӕммӕ",- радзырдта Тедеты Алена.
Уый ма бафтыдта, лӕвӕрттӕ уӕрст цӕудзысты раздӕрау, мадзӕлтты рӕстӕджы, науӕд та уагдӕтты.
"Ахуырады министрад сӕ адӕтдзӕн районттӕм, скъолатӕм, поликлиникӕтӕм ӕмӕ сабидӕттӕм. Алкӕцы организаци дӕр йӕхӕдӕг фидар кӕндзӕн сӕ дӕттыны процесс", - бафтыдта уый.
Ахуырады министрады ма радзырдтой, адджинӕгты гъӕд басгарынц фӕлхасгӕнджыты барты фӕдыл комитет.
Ног хабӕртты лентӕ
0