Хуссар Иры финансты министрад хыгъдлӕвӕрд радта 2021 азы бюджеты фӕдыл

© Sputnik / Alexey Kudenko /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры финансты министрад хыгъдлӕвӕрд радта 2021 азы бюджеты фӕдыл
Хуссар Иры финансты министрад хыгъдлӕвӕрд радта 2021 азы бюджеты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ 2021 азы фараст мӕймӕ сты фондз ӕмӕ ӕрдӕг миллиардӕй фылдӕр. Уыйас сты хӕрдзтӕ дӕр. Паддзахадон бюджет сӕххӕст кӕныны фӕдыл хыгъдлӕвӕрд бавдыста хицауады рабадтыл финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, паддзахадон бюджеты хӕрдзтӕ ацы период рацыдысты 5 миллиард 964 милуан сомы, ӕфтиӕгтӕ та – 5 миллиард 859 милуан сомы.
"Паддзахадон бюджет ӕххӕст кӕныны фӕстиуӕгӕн фӕзынд дефицит 294 милуан сомы бӕрц. Хъалонон ӕмӕ ӕнӕхъалонон ӕфтиӕгтӕ рацыдысты иу миллиард 38 милуан сомы. Уый 53 милуан сомы фылдӕр у ивгъуыд азы аналогион периодмӕ абаргӕйӕ", - загъта Тыбылты Фатимӕ.
Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс фараст мӕймӕ у цыппар миллиард 821 милуан сомы. Тыбылты Фатимӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, паддзахадон бюджеты приоритетон здӕхтытӕ ацы аз сты мыздтӕ бафидын, цӕрджыты социалон хъахъхъӕнынадӕн хӕрдзтӕ, медикаменттӕ балхӕнын ӕмӕ Инвестпрограммӕйы реализаци.
Ног хабӕртты лентӕ
0