Хуссар Иры хицауад райста уынаффӕ пенситы индексацийы фӕдыл 2022 азы

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 2022 азы январӕй пенситӕ синдексаци кӕндзысты авд процентӕй фылдӕр. Ӕмбӕлон уынаффӕ райстӕуыд хицауады рабадтыл къуырисӕры.
"Скъуыддзаг рахастой, цӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной пенсиисджыты царды ӕмвӕзад. Индексаци уыдзӕн 7,7 проценты бӕрц", - загъта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министр Наниты Сослан.
Хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, скъуыддзаг баст кӕй у президент Бибылты Анатолийы фӕдзӕхстимӕ, кӕцыйыл паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта бакусын.
Социалон фонды разамонӕг Тедеты Олеся банысан кодта, индексаци хауы алкӕцы хуызы пенситӕм дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, январы пенситӕ Социалон фонд фидын райдайдзӕн абонӕй фӕстӕмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0