Цхинвалы бакӕндзысты ног хайад Сбербанкӕн

© Сайт Сбербанка РЮО Сбербанк Цхинвалы
Сбербанк Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы центры бакӕндзысты ноджы иу уӕлӕмхас хайад Сбербанкӕн, ног структурон дӕлхайады уыдзысты банчы лӕггӕдтӕ ӕппӕт дӕр, фехъусын кодта Sputnik уагдоны хистӕр Дзудцаты Дмитрий.
Ног хайад скусдзӕн ацы бонты.

"Сӕйраг офис расӕрибар кӕныны нысанӕн горӕты централон хайы кӕнӕм хайад. Уым дӕр уыдзысты сӕйраг офисы цы лӕггӕдтӕ ис, уыдон ӕххӕстӕй", - загъта уагдоны хистӕр.

Ног хайад уыдзӕн дзулфыцӕн комбинаты фарсмӕ хуыйӕн фабрикӕйы ныхмӕ.
Ног хайад суыдзӕн дыккаг уӕлӕмхас офис Цхинвалы, уымӕй размӕ та бакодтой Цхинвалы хуссар хайы - базарадон центр "Хурзӕрин"-ы.
Ног хабӕртты лентӕ
0