Хуссар Иры хъӕдгӕстӕ уадзынц рейдтӕ назтӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны ныхмӕ

© Sputnik / Ростислав Нетисов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры хъӕдгӕстӕ уадзынц рейдтӕ назтӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны ныхмӕ
Хуссар Иры хъӕдгӕстӕ уадзынц рейдтӕ назтӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны ныхмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ног азы размӕ наз бӕлӕстӕ лыг кӕныныл тобӕ хорз ӕндавы Хуссар Ирыстоны хихджын хъӕды рӕзтыл, фехъусын кодта Sputnik хъӕды хӕдзарады дӕлхайады хистӕр Чилӕхсаты Таймураз.
Хуссар Ирыстоны ӕртыккаг аз тобӕгонд у хихджын хъӕд лыг кӕнын.
"Ӕвзонг бӕлӕстӕ хорз зайынц, куы нӕ сӕм ӕвналынц, уӕд. Зӕрдӕ райы уыдонмӕ кӕсгӕйӕ. Раздӕр та бирӕ наз бӕлӕстӕ лыг кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ нал бахъуыдысты ӕмӕ-иу сӕ аппӕрстой", - загъта уагдоны сӕргълӕууӕг.
Наз бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2021
Ӕнӕ удӕгас бӕласӕй: горӕты администраци наз бӕлӕсты базары тыххӕй
Хуссар Ирыстоны хъӕдгӕстӕ уадзынц рейдтӕ хихджын хъӕд ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны ныхмӕ.
"Нӕ кусджытӕ милицийы кусджытимӕ иумӕ уадзынц рейдтӕ. Афтӕ ма ацӕуынц нӕ ӕмбӕстӕгтӕй фӕсидттӕм, кӕцытӕ нӕм арӕх ӕрбацӕуынц", - радзырдта уый.
Чилӕхсаты Таймуразы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы нырма не сбӕрӕг кодтой наз бӕлӕстӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны цаутӕ. Фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц иварон санкцитӕ.
"Иу метры фӕдыл ивар у 2824 сомы, афтӕмӕй дыууӕ метрӕй бӕрзонддӕр бӕлас ралыг кӕныны тыххӕй ивар уыдзӕн 5 мин сомӕй фылдӕр. Ахӕм уавӕрты гӕнӕн ис бакӕныны уголовон хъуыддаг. Бирӕ фӕткхалджыты ивар кодтой, фӕлӕ фӕстаг рӕстӕджы ахӕм цаутӕ нӕ хъуыды кӕнын", - фехъусын кодта Чилӕхсаты Таймураз.
Хъӕдын хӕдзарад уӕлвӕткы хуызы бар радты ӕрмӕст скъолатӕн, скъолайы агъоммӕ уагдӕттӕн, культурӕйы хайадтӕн, Сывӕллӕтты галуан ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕн удӕгас наз балас Хуссар Ирыстоны хъӕдты равзарын.
Ног хабӕртты лентӕ
0