Парламент райста ивындзинӕдтӕ Хуссар Иры бюджетмӕ

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ сразы сты 2021 азы паддзахадон бюджетмӕ ивындзинӕдтыл.
Сӕйраг финансон документмӕ ивындзинӕдты нымӕцы ис Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрадӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕнын "сырх зонӕйы" цы медиктӕ куыстой, уыдон фиддонтӕн. Уыдон райсдзысты ӕппӕт фиддонтӕ декабрӕй дарддӕр. Ацы фӕрӕзтӕ сты 14, 7 милуан сомӕй чысыл фылдӕр.
Уымӕй дарддӕр ма ацы фӕрӕзтӕ здӕхт ӕрцӕудзысты Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады медикментӕн цы хӕс скодтой, уыдонимӕ сраст уӕвынӕн.
Дыууӕ милуан уыдонӕй хицӕн цӕуынц туаггуыры хаххмӕ ноджы иу уӕладзыг баиу кӕнынӕн. Ацы пункт сӕвзӕрын кодта депутаттӕм фарстытӕ.
Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан, кӕцы хуынд ӕрцыд рабадтмӕ, банысан кодта, цӕттӕ кӕй у хыгъд радтынмӕ ӕмӕ ӕппӕт документтӕ бавдисынмӕ.
Уынаффӕты фӕстиуӕгӕн паддзахадон бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ фидар ӕрцыдысты
Ног хабӕртты лентӕ
0