"Бӕллицты фонтанӕй" систой науты фылдӕр хай. Цхинвалы ӕххӕст кӕнынц сабиты бӕллицтӕ

© Пресс-служба президента РЮО"Бӕллицты фонтан"
Бӕллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. "Бӕллицты фонтанӕй" систой 220 наумӕ ӕввахс, радзырдта Sputnik хӕрзаудӕн телепроекты инициатор Хъуылымбегты Елена.
Хъуылымбегты Елена банысан кодта, уый кӕй у науты иумӕйаг нымӕцы 60-70 проценты.
ПТРК "Ир"-ы проект "Бӕллицты фонтан" райдыдта 1 декабры 2017 азы ӕмӕ ацыд Хуссар Ирыстоны президенты ӕмархайдӕй. 2020 азы акци нӕ ауагътой коронавирусы пандемийы тыххӕй.
"Бӕстӕйы фыццаг гоймӕгтӕй дарддӕр сывӕллӕтты бӕллицтӕ сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны хуымӕтӕг цӕрджытӕ. Иууыл диссагдӕр бӕллиц уыд Дзауы скъола-интернаты 11-ӕм къласы ахуыргӕнинагӕн. Уый йӕ фыстӕджы ныффыста, йӕхи кӕй ницы хъӕуы, фӕлӕ ракуырдта 50 килограммы адджынтӕ Ленингоры районы сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнджытӕн", - банысан кодта проекты автор.
Еленайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ нау йын систа мидхъуыддӕгты министры хӕдивджытӕй иу, кӕцы ӕввахс бонты сӕххӕст кӕндзӕн лӕппуйы бӕллиц. Сывӕлллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕн уый адджынтӕ лӕвар кӕндзӕн бӕллицы авторимӕ.
Проекты автор ма бафтдта, зӕгъгӕ, фонтаны нырма ис 120 наумӕ ӕввахс.
Хъуылымбегты Елена фӕхуыдта алкӕйдӕр хайад райсын проекты ӕмӕ сӕххӕст кӕнын сабиты бӕллицты.
Ног хабӕртты лентӕ
0