Дзауы районы Едысы хъӕуы цӕрӕгӕн басыгъд йӕ хӕдзар

© Sputnik / Aram Nersesyan /  Ахизын медиабанкмæДзауы районы Едысы хъӕуы цӕрӕгӕн басыгъд йӕ хӕдзар
Дзауы районы Едысы хъӕуы цӕрӕгӕн басыгъд йӕ хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Едысы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд хъӕдын хӕдзар, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.
Зынгирвӕзт ӕрцыд хуыцаубоны изӕры.
"Едысы зынгирвӕзты куыста УУМ Дзауы районы ӕвдӕм хайад. Цауы фӕстиуӕгӕн хъӕдын цӕргӕ хӕдзар басыгъд", - загътой уагдоны.
Зынгирвӕзты фӕстиуӕгӕн уды зианӕнттӕ не рцыд, фӕлӕ хӕдзары хицау зымӕджы аззад уынджы.
"Бирӕ аххосӕгтӕ уыд. цӕмӕннӕ бантыст артӕй хӕдзар аривӕзын кӕнын. Иуӕй хӕдзар хъӕдын уыд, стӕй хъӕу у дӕрддзӕф, ис йӕм зынвадат фӕндаг. Стӕй ма цӕрджытӕ фӕдзурынц уӕлвӕткон уавӕрты уагдонмӕ сӕхи амӕлттӕй куы нал тых кӕнынц артыл, уӕд, уӕдмӕ та ӕййы рӕгмӕ",- бамбарын кодтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0