Мах нӕ ныууадздзыстӕм сывӕллӕтты уынджы: президент Цхинвалы 2-ӕм музскъолайы хъысмӕтыл

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы 2-ӕм музыкалон скъола
Цхинвалы 2-ӕм музыкалон скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий баныфсӕвӕрдта, Битеты Павелы номыл Цхинвалы музыкалон скъолайы бӕстыхайы хъысмӕт кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты, ӕмӕ паддзахад ссардзӕн фӕрӕзтӕ йӕ цалцӕг кӕнӕ ног бӕстыхайы арӕзтадӕн.
Ахуырадон уагдоны бӕстыхай бирӕ азты дӕргъы ис аварион уавӕры. 2019 азы октябры уым ӕрхаудта уӕлхӕдзар. Уыцы рӕстӕг скъолайы нӕ уыд ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ.
"Ӕз зонгӕ дӕн ацы проблемӕимӕ, мах уый фӕдыл бирӕ хатт ныхас кодтам музыкалон скъолайы директоримӕ. Мах баххуыс кодтам ауадзын хъармгӕнӕн системӕ, сарӕзтам чысыл цалцӕг. Фӕлӕ, хъыгагӕн, бӕстыхай йӕхӕдӕг у рагон. Ӕмӕ мах агурӕм фадат, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕнӕм ацы фарст", - загъта президент йӕ хатдзӕгон пресс-конференцийы рӕстӕджы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕн бахъӕудзӕн егъау финансон фӕрӕзтӕ, фӕлӕ сӕ паддзахад ӕнӕмӕнг ссардзӕн.
"Мах нӕ ныууадздзыстӕм уыцы сывӕллӕтты уынджы. Абоны бон сты уӕззау уавӕрты, фӕлӕ махӕн уыдзӕн фадат, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕнӕм – ног скъола саразӕм ӕви капиталон цалцӕг ауадзӕм. Мах уымӕ ӕнӕмӕнг ӕрыздӕхдзыстӕм, ӕмӕ дыккаг музыкалон скъола кусдзӕн", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2021
Хуссар Иры президент фехъусын кодта ивгъуыд азы сӕйраг цаутӕ
Скъолайы ахуыр кӕны 230 сывӕллоны бӕрц. Йӕ рӕстӕджы ацы скъола каст фесты зындгонд оперон зарӕггӕнӕг Джиоты Вероника, скъолайы ахуыргӕнӕг, ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Ацӕмӕз, музыканттӕ ӕмӕ композитортӕ Дудайты Константин ӕмӕ Сӕрмӕт ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0