Ма ныууадзут сабиты ӕнӕ лӕвар: хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы ма баззад 100 науы

© Из личного архива Елены КулумбеговойФонтан желаний
Фонтан желаний - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынады хӕрзаудӕн проект "Бӕллицты фонтан"-ы ма баззад 100 науы сывӕллӕтты ногазон бӕллицтимӕ. Ӕрмӕст ма нымад бонтӕ ис сӕ сӕххӕст кӕнынӕн, фехъусын кодта Sputnik проекты амонӕг ӕмӕ къухдариуӕггӕнӕг Хъуылымбегты Елена.
Ацы аз проектмӕ бацыд 300 фыстӕгӕй фылдӕр, фыстӕджытӕ ныффыстой скъола интернатты хъомылгӕнинӕгтӕ.
"Сабитӕ уадиссаг ницӕмӕ хатынц, сӕ бӕллицты нымӕцы ис къахыдарӕс, спортивон дарӕс, хъазӕнтӕ, адджинӕгтӕ. Афтӕмӕй бирӕ амалджын адӕм не рбацыдысты. Хатын, цӕмӕй сабиты ногазы ӕнӕлӕвар ма ныууадзой, тынг сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц", - загъта уый.
Уый ма бамбарын кодта, аннӕ азты уӕлдай сывӕллӕттӕ сӕ фыстӕджыты уадиссаг зынаргъ лӕвӕрттӕ нӕ курынц.
© Из личного архива Елены КулумбеговойФонтан желаний
Фонтан желаний - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2021
Фонтан желаний
Ног хабӕртты лентӕ
0