Хуссар Иры МХМ ногазон лӕвӕрттӕ сарӕзта Ленингоры Сывӕллӕтты хӕдзарӕн

© Пресс-служба МВД РЮОБлаготворительная акция МВД в Ленингорском районе
Благотворительная акция МВД в Ленингорском районе  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады разамынад самал кодта Ленингоры районы сабиты иу хайӕн ногазон лӕвӕрттӕ, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.
© Пресс-служба МВД РЮОБлаготворительная акция МВД в Ленингорском районе
Благотворительная акция МВД в Ленингорском районе  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2021
Благотворительная акция МВД в Ленингорском районе
Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ баузӕлдзысты Ленингоры уӕвӕг сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕ ӕмӕ хицӕн бинонты зӕнӕгыл.

"Дыццӕджы мидхъуыддӕгты министрады разамынады хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ кусджыты къорд ацыдысты ногазон лӕвӕрттимӕ Ленингоры районмӕ. Министр Пухаты Мерабы бафӕндыд, цӕмӕй барӕвдауӕм бӕрӕгбонмӕ ацы районы сабиты иу къорды. Ног азмӕ адджинӕгтӕй дарддӕр Сывӕллӕтты хӕдзар райсдзӕн финансон ӕххуыс дӕр", - загътой пресс-службӕйы.

Уагдоны ма бафтыдтой, Ленингоры хӕрзаудӕн акцитӕ ногазмӕ МХМ аразы ӕрвылаз.
Ацы бонты ногазон акцитӕ цӕуы ӕппӕт республикӕйы. Традицион ногазон лӕвӕрттӕй дарддӕр Ахуырады министрадӕй сабиты ӕрхъуыды кӕнынц хицӕн амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ уагдӕттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0