Владимир Путин раарфӕ кодта Бибылты Анатолийӕн Ног аз ӕмӕ Цыппурсы цытӕн

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолий
Владимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин раарфӕ кодта йӕ хуссарирыстойнаг коллегӕ Бибылты Анатолийӕн ӕрбалӕугӕ Ног аз ӕмӕ Цыппурсы цытӕн ӕмӕ фидарӕй загъта, бӕстӕтӕ дарддӕр иумӕ кӕй кусдзысты, цӕмӕй сфидар кӕной дыууӕварсон бастдзинӕдтӕ, афтӕ ма бахъахъхъӕной ӕдасдзинад Фӕскавказы. Уый тыххӕй дзырдӕуы Кремлы сайтыл.
Владимир Путин бахахх кодта, уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытӕ кӕй райтынг сты хӕларады къабазы.
"Ныфс мӕ ис, фидӕн азы дӕр Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстон дарддӕр иумӕ кӕй кусдзысты, цӕмӕй сфидар кӕной дыууӕварсон бастдзинӕдтӕ, афтӕ ма бахъахъхъӕной ӕдасдзинад Фӕскавказы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0