Ног азы райдайӕны Цъон райсдзӕн улӕфджыты

© Sputnik / Natalia Airiyan Курорт "Цъон"
Курорт Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Цъоны зымӕгон улӕфтӕн курорт скусдзӕн ног азы фыццаг бонты. Курорты улӕфӕн уавӕртӕ уыдзысты ивгъуыд азмӕ ӕнгӕс, фехъусын кодта Sputnik фӕсивӕдон политикӕйы комитеты хистӕр Зассеты Сергей.
Цъон ныридæгæн ис миты ахæсты, цæттæ цæуы бакæндмæ.

"Трактор цалцӕг ӕрцыд, фӕлӕ нырма аразинӕгтӕ дзы бирӕ ис. Куыд нӕ фӕндыд, афтӕ нӕ рауад, хицауадӕй ныфс ӕвӕрдтам, фӕлӕ бахъуыд нӕхи тыхтӕй бацӕттӕ кӕнын ифтонгад ӕмӕ бырӕн фӕз. Бацархайдзыстӕм, цӕмӕй ног азы фыццаг бонты Цъон райса улӕфджытӕ", - загъта Зассеты Сергей.

Цъоны дӕлвӕз цадӕггай арӕзт цӕуы, фӕлӕ зымӕгон курорты домӕнтӕн нырма дзуапп нӕ дӕтты. Хъæу æвæрд у 1700 метры денджызы æмвæзадæй бæрзонддæр. Фæндаг æм цæуы хæрзвадат трассæ Цхинвал-Гуфта-Къуаисайыл.
Ӕрвылаз Цъоны бырæн дæлвæзы бырджыты стартон фæзуатмæ ласы трактор, вæййы дзы хъармгæнæн цатыртæ, бацымæн сæ ис тæвд кофе æмæ цай, срæвдзвæййы бырæн ифтонгады прокат.
Ног хабӕртты лентӕ
0