Мамиты Григорий: Санахъоты Мате уыд 20-ӕм азы хӕсты сӕйраг хъайтар

Мамиты Григорий: Санахъоты Матей уыд 20-ӕм азы хӕсты сӕйраг хъайтар
Рафыссын
Паддзахадон драмон театры актер Мамиты Григорий спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ы ӕххӕст кӕндзӕн легендарон хӕстон Санахъоты Матейы фӕлгонц. Актер куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг дӕр тымбыл кодта йӕ хъайтарыл ӕрмӕг ӕмӕ йын уый феххуыс ис йӕ роль ахъазыны рӕстӕджы.
"Матейы фӕлгонц мын ӕнцон у хъазын, уымӕн ис реалон хъайтар, фӕлӕ мӕнӕн мӕ разы режиссер нӕ ӕрӕвӕрдта ахӕм хӕсс, цӕмӕй бынтон историкон персонажы ахъазон", - банысан кодта Григорий.
Актер куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ пьесӕйы хъазы, Ирыстоны сӕрибардзинадыл 1920 азӕй суанг 2008 азмӕ цы хъайтартӕ тох кодтой, уыдон ӕмбырдон фӕлгонц.
Мамиты Григорий бафиппайдта, спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ӕн кӕй ис документалон нысаниуӕг.
Лӕмбынӕгдӕр байхъусут аудиоӕрмӕджы, кӕнӕ та 106.3 FM уылӕныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0