Хуссар Иры хъӕутӕй иуы цӕрӕг кардимӕ балӕбурдта пенсиисӕджы хӕдзармӕ: фыдгӕнӕджы ӕрцахстой

© Flickr / ndlonхъадамантӕ
хъадамантӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милици ӕрцахста ӕвзонг нӕлгоймаджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы пенсиисӕджы хӕдзармӕ кардимӕ балӕбурыны хъуыддаджы. Уый тыххӕй къуырисӕры фехъусын кодтой МХМ пресс-службӕйы.
Уагдоны куыд радзырдтой, афтӕмӕй зианбаййафӕг - Дзауы районы Хъемултайы хъӕуы 83-аздзыд цӕрӕг - фехъусын кодта милицийы районон хайадмӕ, ӕбӕрӕг нӕлгоймаг ӕм кӕй бацыд хӕдзармӕ ӕмӕ йӕм кардӕй ӕртхъирӕнгӕнгӕйӕ байста нӕлгоймагӕй 75 мин сомы. Уый фӕстӕ фыдгӕнӕг йӕхи бааууон кодта цауы бынатӕй.
Оперативон кусджытӕ сбӕрӕг кодтой ӕмӕ ӕрурӕдтой зӕрдӕхсайгӕ нӕлгоймаджы - уый разынд Дзауы районы Стырфӕзы 32-аздзыд цӕрӕг.
Цауы фӕдыл бакондӕуыд уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0