Ногазон улӕфт бонты Хуссар Иры ӕрцыд цыппар зынгсирвӕзты - УУМ

© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфӕдисонтӕ
Зынгфӕдисонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ног 2022 азы фыццаг дӕс боны дӕргъы Хуссар Ирыстоны зынгфӕдисонтӕ цыппар хатты ацыдысты ссыгъдтӕм, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.
Ногазон улӕфт бонты Цхинвалы куыстой УУМ 50 минӕвары ӕмӕ техникӕйы 10 иуӕджы, ӕппӕт республикӕйы та ӕмбӕстӕгты сабырдзинад хъахъхъӕдтой сӕдӕйӕ фылдӕр ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйы 20 иуӕджы.
"Улӕфт бонтӕ ацыдысты сабырӕй. Фыццаг дӕс боны уагдоны срегистраци кодтой цыппар зынгсирвӕзты, се хсӕн 8 января Хъӕды комбинаты ссыгъд. Уымӕй дарддӕр ма министрады кусджытӕ кодтой техникон ӕххуыс республикӕйы цӕрджытӕн", - загътой пресс-службӕйы.
Афтӕ ма ирвӕзынгӕнджыты экипажтӕ радгӕсад хастой Хуссар Ирыстоны ацӕугӕ ӕппӕт ногазон ӕмӕ цыппурсон мадзӕлтты дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0