Хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕн сорганизаци кодтой экскурси ХИПУ музейон комплексмӕ

© Sputnik / Дзерасса ТеховаМузей
Музей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 янв - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы скъолаты ахуырдзаутӕ сӕ ахуыргӕнджытимӕ иумӕ цӕуынц экскурситӕм Хуссар Ирыстоны паддзахадон универстеты музейон комплексмӕ.
Фӕсивӕды зонгӕ кӕнынц музейы экспонаттимӕ, дзурынц сын сӕ фыдӕлты культурӕ ӕмӕ цардуаджы тыххӕй, афтӕ ма цӕрӕгойты тыххӕй, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны хъӕдты.
ХИПУ музей баххӕст кодтой ног экспонаттӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
ХИПУ музей баххӕст кодтой ног экспонаттӕй
Къуырисӕры музейы уазджытӕ уыдысты Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы кӕстӕр кълӕсты ахуырдзаутӕ.

"Сывӕллӕттӕ зӕрдиагӕй цӕуынц музеймӕ. Сӕ зӕрдӕмӕ иууыл фылдӕр цӕуы "ирон хӕдзар", цы ран ис ирӕтты цардуагон ӕрмӕджытӕ. Афтӕ ма фӕсивӕд цымыдисонӕй кӕсынц нывгӕнджыты куыстытӕм", - банысан кодтой университеты.

Сывӕллӕттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ радзырдтой сӕ тӕлмӕнты тыххӕй ӕмӕ банысан кодтой, фидӕны сӕ ноджы кӕй фӕнды бацӕуын музеймӕ.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты музейон комплекс сарӕзта ахуыргӕнӕндоны ректор Тедеты Вадим 2019 азы. Уым ӕрӕмбырд кодтой археологи, истори ӕмӕ этографийы экспонаттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0