Хъахъхъӕнынц закон: президент саргъ кодта прокуратурӕйы бынатӕн барадон паддзахады

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта прокуратурӕйы органты кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн. Президент банысан кодта, барадон паддзахады прокуратурӕйӕн кӕй ис сӕйраг бынат ӕмбӕстӕгты конституцион бартӕ бахъахъхъӕныны хъуыддаджы.
"Сымах хъахъхъӕнут закон, ӕхсӕнадон институттӕ ӕмӕ паддзахадон структурӕтӕ. Уӕ профессионалон миниуджыты руаджы сымах эффективонӕй ӕххӕст кӕнут уӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ хъахъхъӕнут Закон", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий бузныг загъта прокуратурӕйы органты ветерантӕн сӕ куыстмӕ иузӕрдыгдзинад ӕмӕ специалистты ӕвзонг фӕлтӕры бацӕттӕ кӕныны тыххӕй.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта уагдоны кусджытӕн фидар ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ дарддӕры ӕнтыстытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0