Хуссары Иры ӕрмхӕцджытӕ стох кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы фыццагады

© Sputnik / Плиты ФатимæЦхинвалы æрмхæцджыты тренировкæтæ
Цхинвалы æрмхæцджыты тренировкæтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрмхӕцджыты кӕстӕр фӕлтӕр стох кӕндзӕн Цӕгат Ирыстоны фыццагады. Командӕйы сконды ис ӕртӕ чызг ӕмӕ дыууӕ лӕппуйы, фехъусын кодта Sputnik фӕсивӕды тренер Джиоты Валерий.
Ерыстӕ райдайдзысты цыппӕрӕмы райсом, фыццаг уал сбӕлвырд кӕндзысты уӕзы категоритӕ.
"Юниорты хсӕн тох кӕндзысты Уалыты Виктория (50кг), Чилӕхсаты Виктория (+70кг) ӕмӕ Джиоты Родион (70кг). Фӕсивӕды хсӕн та тохы бацӕудзысты Дзигойты Стелла (65 кг) ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен (80кг). Арсены фадӕттыл дзурӕг сты йе 'нтыстытӕ, фӕлӕ аннӕтӕ дӕр хорз цӕттӕ сты. Кӕройнаг хатдзӕг та равдисдзӕн ерысгӕнӕн фынг", - загъта тренер.
Уый ма бафтыдта, ацы ерыстӕ кӕй сты ӕвзарӕн бӕрзонддӕр ӕмвӕзады турниртӕм.
"Уӕрӕсейы фыццагад уыдзӕн горӕт Орёлы, ӕмӕ ӕнтыстджындӕртӕ сӕхи срӕвдз кӕндзысты уыдӕм", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0