Фӕнды мӕ сӕ фенын Европӕйы хъазгӕ: хуыздӕр футболы командӕйы тренер йӕ куысты тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Алан Казиев
Алан Казиев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2021 азы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ республикӕйы хуыздӕр командӕйыл нымад ӕрцыд тренер Хъазиты Аланы сывӕллӕтты къорд "Барсалантӕ". Уыдон сӕ спортивон уӕлахизтӕ ӕрмӕст Хуссар Ирыстоны нӕ уыдысты, фӕлӕ фӕсарӕнты дӕр.
"Бузныг нӕ куыстӕн нын кӕй саргъ кодтой, кусдзыстӕм ноджы хуыздӕр. Бӕллын, цӕмӕй мӕ хъомылгӕнинӕгтӕ схъомыл уой хорз адӕмӕй ӕмӕ сӕ фенон Европӕйӕ хъазгӕ", - загъта тренер Хъазиты Алан.
Командӕйӕн 2021 аз уыд фӕстиуӕгджын ӕмӕ уымӕй размӕ аз дӕр.
"Командӕ сырӕзт 2015 азы, уӕд баиу кодтой командӕ тренер Кокойты Юрийы къордимӕ ӕмӕ сӕвзӕрд Барсалантӕ", - бафтыдта уый.
© Sputnik / Natalia Airiyan Хаситы Арсен
Арсен Хасиев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2022
Хаситы Арсен
Командӕйы хъазӕг Хаситы Арсен фӕнд кодта йӕ цард сбӕттын боксимӕ.
"Цӕттӕ уыдтӕн боксмӕ цӕуынмӕ 2018 азы, фӕлӕ уӕд дунейы чемпионат райдыдта футболӕй. Мӕ зӕрдӕмӕ цыд Францы командӕ, фӕлӕ финалы цыппӕрӕм хайы Уӕрӕсейаг командӕ балӕвар кодта егъау эмоцитӕ", - радзырдта лӕппу.
Йе 'мгар Хъӕцмӕзты Алыксандр та футболмӕ бацыд, цӕмӕй йӕ энерги уым хардз кӕна.
Преми дӕттыны церемонийы рӕстӕг сӕххӕст кодтой командӕйы зарӕг дӕр.
© Sputnik / Natalia Airiyan Хъӕцмӕзты Алыксандр
Александр Качмазов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2022
Хъӕцмӕзты Алыксандр
Ног хабӕртты лентӕ
0