Цӕгат Иры ӕрурӕдтой наркотиктӕ уӕйгӕнӕджы Астӕуккаг Азийӕ

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны полицийы кусджытӕ сӕхгӕдтой героин уӕй кӕныны егъау канал республикӕйы территорийыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Нысангонд ӕрцыд, 35-аздзыд сылгоймаг ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны туристкӕйы хуызы. Уый фӕнд кодта апарахат кӕнын героины егъау парти, фӕлӕ йӕ ӕрурӕдтой барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ.
"Басгӕрсты рӕстӕджы сылгоймагмӕ ссардтой героины 19 пакеты. Сылгоймаг сарӕзта дыууӕ ӕмбӕхсӕны Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй иуыл, кӕцытӕ ссардтой оперативон кусджытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма фыдгӕнӕджы цӕрыны бынаты полицийы кусджытӕ ссардтой героины пакеттӕ, кӕцытӕй арӕзт ӕрцыдаид 4 мин иухаттон дозӕйы.
Наркотикты ӕнӕзаконон ӕрзылды зӕрдӕхсайгӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ӕсы 15 азы онг ахӕст.
Ног хабӕртты лентӕ
0