Цӕгат Ирыстоны археологтӕ ссардтой сӕрмӕттаг зӕппадзтӕ

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстоны археологтӕ ссардтой сӕрмӕттаг зӕппадзтӕ
Цӕгат Ирыстоны археологтӕ ссардтой сӕрмӕттаг зӕппадзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Археологты нымадмӕ гӕсгӕ, уӕлмӕрдыл цӕуы цыппар мин азӕй фылдӕр ӕмӕ хауы рагон сӕрмӕттаг культурӕмӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik. Археологтӕ Цӕгат Ирыстоны Ногиры хъӕуы фӕндаджы бын ссардтой рагон сӕрмӕттаг уӕлмӕрдтӕ. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ам раздӕр уыд хъӕздыг лӕджы ингӕн, уыдаид дзы бирӕ зынаргъ мигӕнӕн. Фӕлӕ зӕппадз ныртӕккӕ у афтид, хъусын кӕны телеканал Мир-24.

Цӕугӕ цард цы хӕрстуарзаг сӕрмӕттаг адӕм кодтой, уыдон цардысты Дунайӕ суанг нырыккон Къазахстаны онг территорийыл. Сӕрмӕтты комкоммӕ байзæддӕгтӕ сты ирон адӕм.

"Мӕ зӕрдӕ ӕхсайы, зӕппадзӕн кӕй ахастой йӕ зынаргъ ӕрмӕг, уымӕн ӕвдисӕн у, ингӕны дуртӕ ӕмӕ стӕджытӕ кӕй сты пырх", — загъта РЦИ-А истори ӕмӕ археологийы институты кусӕг Виталий Маликаев.

Ногиры хъӕуы ма археологтӕ зӕххӕй ӕрдӕг метры бын ссардтой 60 метры дӕргъӕн лабиринт. Ахуыргӕндты дисы бафтыдта, куыд ӕмӕ цы нысанӕн пайда кодтой рагон адӕм, уыцы фарст.

"Канд лабиринт нӕу, фӕлӕ ма дзы ис къæпхæнтӕ дӕр. Мах хъуыды кӕнӕм, ам хӕстӕг обау кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ссарӕггӕгты бӕттӕм мӕрдты ныгӕныны фӕткимӕ ", — дзуры Паддзахадон бюджетон уагдон "Аланийы бынтӕ"-йы зонадон кусӕг Санахъоты Виталий.

Адӕймаджы рагон стӕгдартӕ кӕм ссардтой, уыцы бынат ис Ногиры тӕккӕ центры, хӕдтӕулгӕты фӕндаджы бын. Бынттӕон цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бынаты арӕх цыд фыдбылызтӕ, аваритӕ. Цӕрджытӕ уыцы хабар бӕттынц, фӕндаг уӕлмӕрды сӕр кӕй разынд, уыимӕ.

"Фӕндагы ацы хай уыд фыдбылызджын, ӕрмӕст авд адӕймаджы ацы бынаты фӕмард авариты фӕстиуӕгӕн. Куыд рабӕрӕг, афтӕ хӕдтулгӕтӕ скъӕрдтой адӕмы стджыты уӕлӕ, ӕмӕ уый та раст нӕу. Стӕгдар хъӕуы сиссын ӕмӕ баныгӕнӕн", — дзуры хъӕуы цӕрӕг Котцы Георгий.

Ахуыргӕндтӕ сӕ куыст дарддӕр кӕнынц, археологты ныфс ис, ацы бынатмӕ ӕввахс кӕй ссардзысты сӕрмӕтты цӕрӕнбынат. Уый тыххӕй скъахын бахъӕудзӕн цӕрджытӕн сӕ цӕхӕрӕдӕттӕ, фӕлӕ ногирӕгтӕ ууыл дӕр разы сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0