Фестиваль "Уазӕгуаты Гергиты Ларисӕмӕ" ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕнӕрхъӕцӕй

© Sputnik / Ада БагианГергиты Лариса
Гергиты Лариса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны байгом аивӕдты Х юбилейон фестиваль "Уазӕгуаты Гергиты Ларисӕмӕ".

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Дзерасса Биазарти. Ӕрвылазон фестиваль "Уазӕгуаты Гергиты Ларисӕмӕ" хонынц музыкӕйы бӕрӕгбон ӕмӕ йӕм ӕнӕрхъӕцӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц Ирыстоны. Sputnik уацхӕссӕг базонгӕ ис стыр музыкалон бӕрӕгбоны нывӕзтимӕ.

Диссаджы музыкалон традицитимӕ республикӕ ныртӕккӕ ӕвзары зын рӕстӕджытӕ. Паддзахадон филармони ӕбӕрӕг ӕмгъуыдмӕ ӕхгӕд ӕрцыд, цалцӕггӕнӕн куыстытӕ дзы кӕй хъӕуы ауадзын, уый тыххӕй.

Бӕрӕг нӕу нырма дӕр Гегрийы фырты музыкалон центры хъысмӕт, кӕцыйы ӕппӕт дунейыл зындгонд дирижер Гергиты Валерий фӕнд кодта саразын Дзӕуджыхъӕуы. Уый тыххӕй пырх ӕрцыд киноконцертон зал "Октябрь" — Центр хъуамӕ арӕзт ӕрцыдаид уый бынаты. Фӕлӕ хъуыддаг ууыл ахицӕн.

Уыимӕ иумӕ ӕппӕт регионы ӕмвӕзадыл музыкалон центр ссис Оперӕ ӕмӕ балеты националон паддзахадон театр, йӕ сӕргълӕууӕг — дирижеры хистӕр хо Гергиты Лариса.

Дунейы музыкалон ӕхсӕнады Гергиты бинонты авторитеты фӕрцы дӕс азы мидӕг Цӕгат Ирыстонмӕ фестивалы фӕлгӕтты ӕрцыдысты бирӕ ӕхсӕнадӕмон конкурсты лауреаттӕ, зынгӕ артисттӕ ӕмӕ музыканттӕ.

Х юбилейон фестиваль ныфс дӕтты, кӕй уыдзӕн уӕлдай цымыдисондӕр:

10 сентябры фестиваль байгом уыдзӕн Сергей Безруковы сфӕлдыстадон изӕрӕй.

14 сентябры уагъд ӕрцӕудзӕн "Вокалон музыкӕйы изӕр", хайад дзы райсдзысты Стыр театры оперон труппӕйы солисткӕ Хъуылаты Агуындӕ ӕмӕ Мӕскуыйаг театр "Ног оперӕ"-йы солист Алексей Татаринцев. Уыдон сӕххӕст кӕндзысты зындгонд уацмыстӕ, афтӕ ма оперон спектаклты сценӕтӕ.

15 сентябры проект "Уӕрӕсейы музыкалон ӕмбырдгонд"-ы фӕлгӕтты Санкт-Петербурджы Музыкӕйы хӕдзар аивадуарзджыты размӕ рахӕсдзӕн курдиатджын музыкантты, ӕхсӕнадӕмон конкурсты уӕлахиздзауты дует — пианист-виртуоз Арсений Мун ӕмӕ кларнетист Никита Лютиков.

16 сентябры уагъд ӕрцӕудзӕн концерт "Классикӕйӕ джазмӕ" виолончелист-виртуоз Борислав Струлев (АИШ) ӕмӕ баянист Айдар Гайнуллины (Германи) хайадистӕй.

18 сентябры Паддзахадон дыгурон драмон театр равдисдзӕн спектакль "Дон Жуан", сӕвӕрдта йӕ зынгӕ францаг режиссер Ален Маратра.

20 сентябры музыкӕуарзджыты раз ралӕудзӕн ӕрыгон пианист Даниил Харитонов.

24 сентябры РЦИ-А Оперӕ ӕмӕ балеты театр равдисдзӕн Дж. Вердийы "Травиата", хайад дзы райсдзысты Мариинаг театры ӕмӕ Софиаг националон оперӕйы солисттӕ, ӕфтӕ ма Виолеттӕйы партийы хуыздӕр ӕххӕстгӕнджытӕй сӕ иу — Ирина Гагитэ (Джиоты).

26 сентябры традицион "Кофейон концерт" Ирыстоны ӕрыгон музыкантты хайадистӕй.

29 сентябры уагъд ӕрцӕудзӕн "Чайковскийы конкурсы сыгъзӕрин" — Чайковкийы номыл ХV ӕхсӕнадӕмон конкурсы уӕлахиздзауты концерт.

30 сентябры фестиваль ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн гала-концерт " Елена Образцовайы мысынӕн"-ӕй, хайад дзы райсдзысты Стыр ӕмӕ Мариинаг театрты стъалытӕ.

Афтӕ ма фестивалы фӕлгӕтты Стыр ӕмӕ Мариинаг театрты солисттӕ ауадздзысты мастер-къластӕ вокалон, концертмейстерон ӕмӕ фортепианон аивадӕй, афтӕ ма италиаг ӕвзагӕй дӕр.

Sputnik театры администрацийы куыд радзырдтой, афтӕмӕй концерттӕм билеттӕ ӕлхӕнынц активонӕй, уӕлдай тынгдӕр сӕ ӕлхӕнынц фӕсивӕд. Билетты аргъ у 250-1000 сомы онг.

Фестивалы фыццаг мадзал — Сергей Безруковы сфӕлдыстадон изӕрмӕ билеттӕ ныридӕгӕн иууылдӕр ауӕй сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0