Дзæуджыхъæуы телемæсыггонды цалцæггæнæн куыстытæ цӕудзысты боны кæронмæ

© Sputnik / Михаил Мордасов /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы телемæсыггонды цалцæггæнæн куыстытæ цӕудзысты къуырийы кæронмæ
Дзæуджыхъæуы телемæсыггонды цалцæггæнæн куыстытæ цӕудзысты къуырийы кæронмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Специалисттæ ныфс дæттынц телефидиуæн сæндидзын кæнын иу суткæйы ӕмгъуыдмӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны арвы ныццавды фæстиуæгæн сæ куыст æрлæууыд Уæрæсейаг телерадиохæтæлты фидиуæны системæ æмæ ПТРК "Алани"-йы филиалы телеифтонггарзтӕн. Уый фæстиуæгæн фехæлд дыууæ баиугæнды ифтонггарз дӕр, кæцытæ уæвынц иу бæстыхайы, хъусын кæны 15 регион.

Цæгатирыстойнаг телеканалтæн се ‘ппæтæн дæр фескъуыд сæ фидиуæн. Арвы ныццавды рæстæджы персоналæй зиан ничи баййæфта, кæд æмæ иууылдæр уыдысты сæ куысты бынæтты, уæддæр.

Уæрæсейаг телерадиохæтæлты ӕмӕ ПТРК "Алани"-йы филиалты къухдариуæггæнджытæ Æгъуызарты Роберт æмæ Кусаты Тимур æвæстиатæй бахæццæ сты аварийы бынатмæ, фæдисмæ æрбацыдысты техникон службæты специалисттæ. Бригадæтæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм, кæцытæ цыдысты æнæхъæн æхсæв. Фыццаг мультиплексы сигнал, кæцыйы сконды ис 10 федералон каналы, цалцæг æрцыд аварийы фæстæ дыууæ сахаты æмгъуыдмæ.

Фидиуæн сæндидзæны тыххæй бахъуыд исæн ифтонггарз раивын — фехæлдысты аст спутникон антеннæйы, кæцытæ исынц федералон каналты сигнал, уыдон нымæцы ПТРК "Алани"-йы регионалон программæтимæ.

Специалисттæ ныфс дæттынц æххæстбæрцæй фидиуæн сæндидзын кæнын суткæйы æмгъуыдмæ, фæлæ куыстытæ кæронмæ бакæнынæн бахъæудзæн цалдæр боны. Бæрæг цæуы зианы бæрц дæр. Уæрæсейаг телерадиохæтæлты куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ахæм фæзынд фыццаг хатт фехæлдта телефидиуæны куыст Цæгат Ирыстоны территорийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0