Турк ӕмӕ Ирыстоны цӕрӕг ирон адӕм ӕнгомдæр кæнынц сӕ бастдзинæдтæ

© Sputnik / Роин БибиловТурк ӕмӕ Ирыстоны цӕрӕг ирон адӕм ӕнгомдæр кæнынц сӕ бастдзинæдтæ
Турк ӕмӕ Ирыстоны цӕрӕг ирон адӕм ӕнгомдæр кæнынц сӕ бастдзинæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан фембæлд Турчы ирон диаспорæйы минæвæрттимæ. Уыдон цалдæр боны уыдысты Хуссар Ирыстоны, хайад райстой бӕрӕгбонон мадзӕлтты.

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан ӕмӕ Турчы ирон диаспорæйы минæвæрттӕ сӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой Туркы цӕрӕг ирӕттимӕ бастдзинӕдтӕ фенгомдӕр кӕныны фадӕттыл, хъусын кӕны ПТРК"Алания".

Ирон адӕмы иу хай Туркмæ куы афтыд, уæдæй нырмæ рацыд 150 азӕй фылдӕр, фӕлæ ирондзинад нæ фесæфтой, зонынц сӕ мадӕлон æвзаг, æгъдæуттæ.

"Фæзынд фадат, цæмæй туркаг ирæттæ æнæкъуылымпыйæ цæуой Ирыстонмæ. Уый руаджы фидардæр кæны нӕ бастдзинад. Культурæйы къабазы минæвæрттæ арæх аласынц нæ адæмон хæзнатæ Туркмæ, цæмæй уым цæрæг ирæттæ, уæлдайдæр фæсивæд, æмхиц кæной сæ рагфыдæлты æгъдæуттыл", — банысан кодтой Æгъуызарты Тамерлан.

Уый ма банысан кодта, кӕй хъуамæ æнгомдæр кæной бастдзинæдтæ амалхъом архайды дæр.

"Ис сæрмагонд программæтæ цӕй фӕрцы ӕнгом кӕнынц хæлар ахастдзинæдтæ", — бахахх кодта РЦИ-А сӕргълӕууӕг.

Ныртæккæ Турчы чи цæры, уыцы ирæтты нымæц у 15 мины адæймаджы онг. Турчы ирон диаспорæйы минæвæрттӕ хайад райстой Хуссар Ирыстоны республикӕ расидыны 25 азы юбилейон мадзӕлтты Цхинвалы. Уыд сын фембӕлдтӕ Хуссар Иры куъхдариуӕгадимӕ. Уый фӕстӕ Турчы ирон адӕмы минӕвӕрттӕ фембӕлдысты Цӕгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланимӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0